Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Иерусалимӕй, ӕгас Иудейӕйӕ, Иорданы алфамбылайӕ ӕппӕт адӕм дӕр цыдысты Иоаннмӕ, Ироды фӕндыд Иоанны амарын, фӕлӕ тарст адӕмӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ пехуымпарыл нымадтой. Уымӕн ӕмӕ Ирод тарст Иоаннӕй; раст ӕмӕ сыгъдӕг адӕймаг кӕй у, уый зыдта, ӕмӕ йӕ хъахъхъӕдта. Кӕд-иу ӕй Иоанны ныхӕстӕ фӕкъӕмдзӕстыг кодтой, уӕддӕр ӕм хъуыста зӕрдиагӕй. Иоаннмӕ чи хъуыста, ӕппӕт уыцы адӕм, суанг хъалонисджытӕ дӕр, сӕххӕст кодтой Хуыцауы фӕнд ӕмӕ аргъуыд райстой Иоаннӕй.
Выбор основного перевода