Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уым ӕм какон сындзы судзгӕ къутӕры артӕй йӕхи равдыста Хуыцауы зӕд. Моисей федта: какон сындзы къутӕр судзы, фӕлӕ йын басудзыны амал нӕй. Дунедарӕг ын ноджыдӕр загъта: «Ӕз дӕн дӕ фыды Хуыцау, Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау». Моисей йӕ цӕсгом бамбӕрзта, уымӕн ӕмӕ тарсти Хуыцаумӕ комкоммӕ бакӕсынӕй. Ацу, ӕрӕмбырд кӕн Израилы адӕмы хистӕрты ӕмӕ сын зӕгъ: „Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, Авраамы, Исаакы ӕмӕ Иаковы Хуыцау, фӕзынди мӕнмӕ ӕмӕ загъта: ‘Мӕ мӕт сымахыл уыд, ӕмӕ федтон, Мысыры уын цы митӕ кӕнынц, уый, Уӕд сын Йесо загъта: «О ӕнӕмбаргӕтӕ! Пехуымпартӕ цы загътой, ӕппӕт уыдӕттыл куыд зынтӕй ӕууӕндут! Ӕмӕ сын загъта: «Уемӕ ма куы уыдтӕн, уӕд уын Ӕз уый тыххӕй дзырдтон, Моисейы Ӕгъдауы, пехуымпарты чингуыты ӕмӕ псаломты Мӕн тыххӕй цы загъд ис, ӕппӕт уыдӕттӕ хъуамӕ сӕххӕст уой, зӕгъгӕ».
Выбор основного перевода