Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕргом кодтой сӕ тӕригъӕдтӕ, ӕмӕ сыл Иоанн аргъуыдта Иорданы цӕугӕдоны. Уӕ фӕсмоны тыххӕй уыл ӕз донӕй аргъауын, фӕлӕ мӕ фӕстӕ Чи ӕрбацӕуы, Уый мӕнӕй тыхджындӕр у – ӕз Ын Йӕ дзабыртӕ хӕссыны аккаг дӕр нӕ дӕн. Уый уыл аргъаудзӕни Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ артӕй. Афтӕ ӕдзӕрӕг бӕстӕйы фӕзынд Иоанн, аргъуыдта донӕй ӕмӕ амыдта, зӕгъгӕ, цӕмӕй тӕригъӕдтӕ хатыргонд уой, уый тыххӕй сыл хъӕуы ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ аргъуыд райсын. Ӕз сымахыл донӕй аргъуыдтон, Уый та уыл аргъаудзӕни Сыгъдӕг Удӕй». Уый фӕстӕ Иоанн зылди Иорданы ӕппӕт алфамбылайыл ӕмӕ амыдта, зӕгъгӕ, цӕмӕй тӕригъӕдтӕ хатыргонд уой, уый тыххӕй сыл хъӕуы ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ аргъуыд райсын. Иоанн сеппӕтӕн дӕр дзуапп лӕвӕрдта: «Ӕз уыл аргъауын донӕй, фӕлӕ ӕрбацӕуы мӕнӕй Тыхджындӕр – ӕз Ын Йӕ дзабыры бос райхалыны аккаг дӕр нӕ дӕн. Уый уыл аргъаудзӕни Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ артӕй. Уыдон ӕй бафарстой: «Уӕдӕ кӕд ды нӕдӕр Чырысти дӕ, нӕдӕр Илиа, нӕдӕр пехуымпар, уӕд цӕмӕн аргъауыс?» Иоанн куы аргъуыдта, уыцы заманӕй, Йесойы махӕй уӕларвмӕ куы систӕуыд, уӕды онг – иудадзыг немӕ цы лӕгтӕ уыд, уыдонӕй иуы. Уый, махау, хъуамӕ суа ӕвдисӕн Йесойы райгасӕн». Иоанн саргъауынмӕ куы фӕсидтис, уӕд ӕппӕт Иудейӕйы, Галилейӕ райдайгӕйӕ, цы ӕрцыди, уый сымахӕн зындгонд у. Йесойы ӕрцыды хӕдразмӕ Иоанн ӕппӕт израилаг адӕммӕ сидтис тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнынмӕ ӕмӕ аргъуыд райсынмӕ. Хицауы фӕндаг цы у, уый йын бацамындӕуыд, ӕмӕ Йесойы тыххӕй дзырдта ӕмӕ ахуыр кодта зӕрдиагӕй ӕмӕ раст, кӕд ӕрмӕст Иоанны аргъуыд зыдта, уӕддӕр. Уӕд сӕ бафарста: «Уӕдӕ уыл цавӕр аргъуыдӕй саргъуыдӕуыд?» Уыдон дзуапп радтой: «Иоанны аргъуыдӕй».
Выбор основного перевода