Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕд Йесо адӕмӕн загъта: «Цыма абырӕджы ахсут, уыйау Ме 'рцахсынмӕ кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ куы рацыдыстут. Ӕз ӕрвылбон Кувӕндоны [уемӕ] бадтӕн, ахуыр кодтон адӕмы, ӕмӕ Мӕ нӕ ахстат. Уый фӕстӕ Йесо зылди сахартыл ӕмӕ хъӕутыл, хъусын кодта фарны уац Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Йемӕ уыдысты Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинаджы, Уый фӕстӕ ӕз федтон ӕндӕр зӕды уӕлиӕутты тӕхгӕ. Уыдис ӕм мыггагмӕйы фарны уац зӕххон цӕрджытӕн – алы адӕмыхатт ӕмӕ мыггагӕн, алы ӕвзаг ӕмӕ адӕмӕн ӕй хъусын кӕныны тыххӕй.
Выбор основного перевода