Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Зӕрдиагӕй кӕй ӕрфӕсмон кодтат, уый равдисут хъуыддагӕй. „Нӕ фыдӕл Авраам у" – ахӕм хъуыды уӕм ма ӕрцӕуӕд. Зӕгъын уын: Хуыцауӕн Йӕ бон у ацы дуртӕй дӕр Авраамӕн цот скӕнын. Уӕдӕ хӕйрӕг ӕстдӕс азы дӕргъы бастӕй кӕй фӕдардта, Авраамы уыцы чызджы дӕр йӕ бӕттӕнтӕй сабаты суӕгъд кӕнын не 'мбӕлди, ӕви?» Уыдон ын загътой: «Баууӕнд Хицау Йесойыл, ӕмӕ фервӕздзынӕ дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ хӕдзаронтӕ дӕр». Уӕдӕ уыцы зӕрдӕвӕрд уырнындзинадмӕ гӕсгӕ у, цӕмӕй Хуыцауы лӕвар уа ӕмӕ ӕнӕмӕнг аххӕсса Авраамы ӕппӕт байзӕддӕгтыл – Ӕгъдауы дӕлбар чи у, ӕрмӕст уыдоныл нӕ, фӕлӕ Авраамы уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдоныл дӕр. Авраам у неппӕты фыдӕл, Уӕдӕ зонут: уырнджытӕ сты Авраамы байзӕддӕгтӕ.
Выбор основного перевода