Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уыдоныл ӕрцыд Исайы пехуымпар ныхас: „Хъусӕй хъусдзыстут, фӕлӕ нӕ бамбардзыстут, цӕстӕй кӕсдзыстут, фӕлӕ нӕ фендзыстут. Цӕмӕй „цӕстӕй кӕсой, фӕлӕ ма уыной, хъусӕй хъусой, фӕлӕ ма ӕмбарой, ӕмӕ ма раздӕхой Хуыцаумӕ ӕмӕ сын барст ма уой сӕ тӕригъӕдтӕ"». Йӕ адӕммӕ ӕрхӕсдзынӕ уац сӕ фервӕзыны тыххӕй – сӕ тӕригъӕдтӕ уыдзысты хатыргонд, Ныррухс кӕндзӕни мӕлӕты талынг бӕстӕйы цӕрджыты, ӕмӕ нӕ сараздзӕн Хуыцауимӕ фидыды фӕндагыл». Йесо сын загъта: «Сымахӕн Хуыцауы Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ зонын лӕвӕрд у, иннӕтӕн та сӕ фӕсномыг ныхӕстӕй амындӕуы, цӕмӕй „кӕсой, фӕлӕ ма уыной, хъусой, фӕлӕ ма ӕмбарой". Исай-пехуымпар цы загъта, уый куыд сӕххӕст уа: «Хицау, махӕй цы фехъуыстой, ууыл чи баууӕндыд, ӕмӕ кӕмӕн раргом Хицауы хъару?» Хуыцау Израилаг адӕмӕн рарвыста Йӕ ныхас – Йесо Чырыстийы руаджы адӕмимӕ кӕй фидауы, уыцы фарны уац. Чырысти та ӕппӕт адӕмы Хицау у. „Ацу ацы адӕммӕ ӕмӕ зӕгъ: фехъусдзыстут, ӕмӕ нӕ бамбардзыстут, кӕсдзыстут, ӕмӕ нӕ фендзыстут. Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Хуыцау сӕ бафтыдта фынӕйыл, радта сын, абон дӕр ма кӕмӕй нӕ уынынц, ахӕм цӕстытӕ, ӕмӕ кӕмӕй нӕ хъусынц, ахӕм хъустӕ». Баталынг уӕд сӕ цӕстырухс, цӕмӕй ма уыной, ӕмӕ сӕ синтӕ ныкъкъӕдз уӕнт мыггагмӕ». Фӕлӕ ма цалынмӕ «абон» дзурӕн ис, уӕдмӕ ӕрвылбон ныфс дӕттут кӕрӕдзийӕн, цӕмӕй тӕригъӕд макӕй асайа сымахӕй ӕмӕ йӕ зӕрдӕ макӕмӕн ныддур уа.
Выбор основного перевода