Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
[Уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцыди сӕфтыты бацагурынмӕ ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕнынмӕ.] Ӕз ӕрцыдтӕн рӕстытӕм нӕ, фӕлӕ тӕригъӕдджынтӕм фӕсидынмӕ, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной». «Сымахӕй искӕмӕ фондзыссӕдз фысы куы уаид ӕмӕ дзы иу куы фесӕфид, уӕд, мыййаг, йӕ нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз фысы ӕдзӕрӕг ран нӕ ныууадзид ӕмӕ йӕ сӕфт фысы агурӕг нӕ ацӕуид, цалынмӕ йӕ ссара, уӕдмӕ? Ӕрцӕудзӕн хӕдзармӕ, ӕрбахондзӕн йӕ хӕлӕртты, йӕ сыхӕгты, ӕмӕ сын зӕгъдзӕн: „Цин кӕнут мемӕ, ӕз ссардтон мӕ сӕфт фысы". Ӕмӕ йӕ куы ссара, уӕд ӕрӕмбырд кӕндзӕн йӕ хӕлар ӕмӕ сыхаг сылгоймӕгты ӕмӕ зӕгъдзӕн: „Цин кӕнут мемӕ, ӕз ссардтон мӕ сӕфт драхмӕ". Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕ Фырты дунейӕн тӕрхон рахӕссынмӕ нӕ рарвыста, фӕлӕ Йӕ фӕрцы дуне фервӕзын кӕнынмӕ. Ацы ныхас ӕцӕг у ӕмӕ йыл ис ӕнӕгуырысхойӕ баууӕндӕн: Йесо Чырысти дунемӕ ӕрцыди тӕригъӕдджынты фервӕзын кӕнынмӕ, ӕмӕ уыдонӕн ӕз сӕ фыццаг дӕн.
Выбор основного перевода