Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Иерусалим, Иерусалим, пехуымпарты марӕг ӕмӕ дӕумӕ ӕрвыстыты дуртӕй цӕгъдӕг! Цал хатты Мӕ фӕндыди, маргъ йӕ лӕппынты йӕ базырты бын куыд бакӕны, афтӕ дӕ хъӕбулты ӕрӕмбырд кӕнын, фӕлӕ сымах нӕ бафӕндыди! Йесо сын загъта: «Уынут ӕппӕт уыдӕттӕ? Ӕцӕг уын зӕгъын: афтӕ ныппырх уыдзысты, ӕмӕ дзы ам дур дурыл нал баззайдзӕн». Йесо йын дзуапп радта: «Уыныс ацы стыр бӕстыхӕйттӕ? Уыдон афтӕ ныппырх уыдзысты, ӕмӕ дзы ам дур дурыл нал баззайдзӕн». «Арфӕгонд уӕд Израилы Хицау Хуыцау – ӕркаст Йӕ адӕммӕ ӕмӕ сын ӕрхаста сӕрибар. «Ралӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ ам цы уынут, уыдон афтӕ ныппырх уыдзысты, ӕмӕ дзы дур дурыл нал баззайдзӕн». Уӕд сын Йесо загъта: «Иуцасдӕр рӕстӕг ма уыдзӕн рухс уемӕ. Цалынмӕ рухс ис, уӕдмӕ цӕут, талынг уӕ куыд нӕ фӕбынӕй кӕна, уымӕн ӕмӕ талынджы цӕуӕг нӕ зоны, кӕдӕм цӕуы, уый. Муртатты ӕхсӕн уӕ цард уӕд фӕзминаг. Фыдгӕнджытӕ цыма стут, уыйау уыл кӕд уыдон цъыф калынц, уӕддӕр уындзысты уӕ хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ скад кӕндзысты Хуыцауӕн, куы ӕрцӕуа, уӕд.
Выбор основного перевода