Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕд Йесо адӕмӕн загъта: «Цыма абырӕджы ахсут, уыйау Ме 'рцахсынмӕ кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ куы рацыдыстут. Ӕз ӕрвылбон Кувӕндоны [уемӕ] бадтӕн, ахуыр кодтон адӕмы, ӕмӕ Мӕ нӕ ахстат. Алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕ уый куы фехъуыстой, уӕд агуырдтой Йӕ амарыны фадат. Уымӕн ӕмӕ Дзы тарстысты, Йӕ ахуырад ӕппӕт адӕмы дисы кӕй ӕфтыдта, уый тыххӕй. Боныгон Йесо адӕмы ахуыр кодта Кувӕндоны, изӕрӕй та-иу ацыд ӕмӕ-иу Йе 'хсӕв арвыста, Елеон кӕй хуындӕуы, уыцы хохыл. Ӕз ӕрвылбон Кувӕндоны уемӕ уыдтӕн, ӕмӕ Мыл уӕ къух нӕ андзӕвыд. Фӕлӕ ныр уӕ рӕстӕг ӕрцыд – талынг хицауиуӕг кӕны». Моисей уын Ӕгъдау нӕ радта, ӕви? Ӕмӕ уыцы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сымахӕй ничи цӕры. Цӕй тыххӕй Мӕ хъавут амарынмӕ?» Йесо йын дзуапп радта: «Ӕз ӕргомӕй дзырдтон дунейӕн. Ӕз кӕддӕриддӕр адӕмы ахуыр кодтон синагогӕты ӕмӕ Кувӕндоны, иудейтӕ иууылдӕр кӕм ӕмбырд кӕнынц, уым. Сусӕгӕй та ницы дзырдтон. Ӕмӕ Йӕ хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты, уымӕн ӕмӕ Йӕ адӕм пехуымпарыл нымадтой. Йесо фӕсномыг ныхас уыдоны тыххӕй кӕй загъта, уый бамбӕрстой, ӕмӕ Йӕ хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты. Уӕд Ӕй ныууагътой ӕмӕ ацыдысты. Йесо ацы фӕсномыг ныхас уыдоны тыххӕй кӕй загъта, уый бамбӕрстой динамонджытӕ ӕмӕ алчертӕ, ӕмӕ Йӕ хъавыдысты ӕвӕстиатӕй ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты. Алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕ агуырдтой, цӕсты сӕ чи нӕ бафтауа, Йесойы амарыны ахӕм фадат, уымӕн ӕмӕ адӕмӕй тӕрсгӕ кодтой. Уӕд Ӕй иудейтӕ ноджы тынгдӕр агуырдтой амарынмӕ. Уымӕн ӕмӕ Уый канд сабаты ӕгъдау нӕ хӕлдта, фӕлӕ Хуыцауы дӕр хуыдта Йӕ Фыд ӕмӕ уымӕй Йӕхи кодта Хуыцауы ӕмсӕр. Уӕд Ӕй хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ Йӕм никӕй къух батасыд, уымӕн ӕмӕ Йӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд.
Выбор основного перевода