22
Хицау ын загъта: „Дӕхи ныхӕстӕй дын тӕрхон кӕндзынӕн, ӕвзӕр цагъар! Ӕз карз лӕг кӕй дӕн, ӕмӕ цы нӕ нывӕрдтон, уый мӕхи кӕй бакӕнын, цы нӕ байтыдтон, уый кӕй ӕркӕрдын, уыдӕттӕ куы зыдтай,
Уӕдӕ кӕд хӕйрӕг хӕйрӕджы суры, уӕд йӕхи ныхмӕ тох кӕны. Ӕмӕ афтӕмӕй куыд фӕлӕудзӕн йӕ паддзахад?
Дӕ ныхӕстӕ дӕ сраст кӕндзысты, йе та дӕ ныхӕсты тыххӕй тӕрхонгонд уыдзынӕ».
Фӕлӕ мах зонӕм: Ӕгъдау цыдӕриддӕр зӕгъы, уый йӕ дӕлбар адӕмӕн зӕгъы. Ӕмӕ хи сраст кӕныны тыххӕй йӕ дзых байгом кӕнын никӕй бон бауыдзӕн – ӕгас дуне Хуыцауы раз дзуапп дӕтдзӕн.