Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Йесо йын загъта: «Абон ирвӕзындзинад ӕрцыд ацы хӕдзармӕ, уымӕн ӕмӕ ацы адӕймаг дӕр Авраамы байзӕддаг у. Уый дын зӕгъдзӕни, ды ӕмӕ деппӕт хӕдзаронтӕ кӕй фӕрцы фервӕздзысты, ахӕм ныхӕстӕ". Ӕмӕ Фиатирӕйы сахарӕй Хуыцауы нымайӕг сылгоймаг, йӕ ном – Лидиа, сӕнтсырх хъуымац уӕйгӕнӕг, хъуыста ныхасмӕ. Хицау ын байгом кодта йӕ зӕрдӕ, Павел цы дзырдта, уыцы ныхӕстӕн. Йӕхиуыл дӕр ӕмӕ йын йӕ хӕдзаронтыл дӕр куы саргъуыдӕуыд, уӕд нӕм ӕрхатыд: «Хицауыл мӕ иузӕрдионыл кӕд банымадтат, уӕд рацӕут мӕ хӕдзармӕ ӕмӕ цӕрут мӕнмӕ». Ӕмӕ нӕ сразы кодта. Уыдон ын загътой: «Баууӕнд Хицау Йесойыл, ӕмӕ фервӕздзынӕ дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ хӕдзаронтӕ дӕр».
Выбор основного перевода