Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Ӕз Мӕхӕдӕг ницы кӕнын фӕразын. Куыд загъд Мын у, афтӕ тӕрхон кӕнын, ӕмӕ Мӕ тӕрхон раст у, уымӕн ӕмӕ Ӕз тырнын, Мӕхи цы фӕнды, уымӕ нӕ, фӕлӕ Мӕ Рарвитӕджы цы фӕнды, уымӕ. Иоанн Мӕн тыххӕй цы загъта, уымӕй та Ме 'вдисӕйнаг тыхджындӕр у. Уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ Фыд цы хъуыддӕгтӕ бафӕдзӕхста, Ӕз уыцы хъуыддӕгтӕ аразын, ӕмӕ уыдон ӕвдисӕн сты, Мӕ Фыд Мӕ кӕй рарвыста, уымӕн. Уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕларвӕй ӕрцыдтӕн, Мӕхи цы фӕнды, уый нӕ, фӕлӕ Мӕ Рарвитӕджы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ. Ды Мын Мӕ бӕрны цы хъуыддаг бакодтай, уый саразынӕй Дӕ Ӕз снамысджын кодтон зӕххыл. Йесо туаг сӕнӕй куы ацахуыста, уӕд загъта: «Ӕппӕт дӕр сӕххӕст!» Уыйадыл Йӕ сӕр ӕркъул кодта ӕмӕ Йӕ уд радта Йӕ Фыды къухмӕ.
Выбор основного перевода