Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Йесо ныхъхъус. Алчер Ын загъта: «Ард бахӕр цардӕгас Хуыцауы раз, раст нын кӕй зӕгъдзынӕ, уый тыххӕй: Ды дӕ Чырысти, Хуыцауы Фырт?» Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс. Фӕлӕ уын зӕгъын: нырӕй фӕстӕмӕ Адӕймаджы Фырты уындзыстут Ӕппӕтхъомысы рахиз фарс бадгӕ ӕмӕ уӕларвон ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ». Йесо ныхъхъус ӕмӕ ницы дзуапп лӕвӕрдта. Алчер Ӕй ногӕй бафарста: «Ды дӕ Чырысти, Арфӕгонды Фырт?» Йесо загъта: «Ӕз дӕн. Ӕмӕ Адӕймаджы Фырты уындзыстут Ӕппӕтхъомысы рахиз фарс бадгӕ ӕмӕ уӕларвон ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ». Гъе, Ӕз уын уымӕ гӕсгӕ загътон, сымах амӕлдзыстут уӕ тӕригъӕдтимӕ, зӕгъгӕ. Уымӕн ӕмӕ ӔЗ ДӔН, ӕмӕ ууыл куы нӕ баууӕндат, уӕд амӕлдзыстут уӕ тӕригъӕдтимӕ». Йесо йын загъта: «Уынгӕ дӕр Ӕй фӕкодтай, ӕмӕ ныхас дӕр Уый кӕны демӕ». Йесо сын дзуапп радта: «Ӕз уын загътон, ӕмӕ уӕ нӕ уырны. Ӕз Мӕ Фыды номӕй цы хъуыддӕгтӕ кӕнын, уыдон Мӕныл дзурӕг сты.
Выбор основного перевода