Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Йесо сын дзуапп радта: «Сымах рӕдийут, нӕдӕр Сыгъдӕг Фыст, нӕдӕр Хуыцауы тых кӕй нӕ зонут, уымӕ гӕсгӕ. Чырыстийӕн афтӕ фӕхъизӕмар кӕнын ӕмӕ Йӕ намыс райсын не 'мбӕлд, ӕви?» Ӕмӕ сын, Моисейӕ ӕмӕ ӕппӕт пехуымпартӕй райдайгӕйӕ, бамбарын кодта, ӕппӕт Фыстыты Йӕхи тыххӕй цы загъд ис, уыдӕттӕ иууылдӕр. Ӕмӕ сын загъта: «Сыгъдӕг Фыст афтӕ зӕгъы, Чырысти хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ ӕртыккаг бон мӕрдтӕй райгас уыдаид; Фӕлӕ Хуыцау арӕдывта мӕлӕты рӕхыс ӕмӕ Йӕ райгас кодта, уымӕн ӕмӕ адзалы бон Йӕ бауромын нӕ уыд. Давид Йесойы тыххӕй афтӕ зӕгъы: „Хицау кӕддӕриддӕр мӕ цӕстыты раз уыд; мӕ рахиз фарс ис, цӕмӕй ӕз ма фӕцудон. Уымӕ гӕсгӕ райы мӕ зӕрдӕ, ме 'взагыл бадынц цины ныхӕстӕ; суанг мӕ буар дӕр зӕрдӕдаргӕйӕ ӕрӕнцайдзӕн, Уымӕн ӕмӕ мын Ды мӕ уды нӕ ныууадздзынӕ мӕрдтыбӕстӕйы, Дӕ сыгъдӕджы нӕ бамбийын кӕндзынӕ ингӕны. Ды мын бацамыдтай фӕндаг цардмӕ; уыдзынӕн Демӕ, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ бафсаддзынӕ цинӕй". Ме 'фсымӕртӕ, мӕ ныфс хӕссын сымахӕн нӕ рагфыдӕл Давиды тыххӕй зӕгъынмӕ: уый амард, ӕрцыди ныгӕд ӕмӕ йӕ зӕппадз абон дӕр махмӕ ис. Давид пехуымпар уыд ӕмӕ зыдта: Хуыцау ын расомы кодта, йӕ паддзахад ын йӕ байзӕддӕгтӕй иуӕн кӕй ратдзӕн, уый тыххӕй. Давид уыдта фидӕн, ӕмӕ загъта Чырыстийы райгасы тыххӕй, зӕгъгӕ, Йӕ нӕ ныууагъдӕуыд мӕрдтыбӕстӕйы ӕмӕ Йӕ буар нӕ бамбыд. Уыцы Йесойы Хуыцау райгас кодта, ӕмӕ уымӕн мах неппӕт дӕр стӕм ӕвдисӕнтӕ. Уыди ныгӕд ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас, Фысты куыд загъдӕуы, афтӕ.
Выбор основного перевода