Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Чидӕриддӕр Ыл ӕууӕнды, уымӕн мыггагмӕйы цард куыд уа, афтӕ. Ӕппӕт уыдӕттӕ чи федта, уый ӕвдисӕн лӕууы, йӕ ӕвдисӕнад ӕцӕг у, ӕмӕ зоны: раст дзуры, сымах дӕр куыд баууӕндат, афтӕ; Ӕмӕ Йесойыл ӕууӕндыны фӕрцы Йӕ ном сфидар кодта, сымах кӕй уынут ӕмӕ зонут, уыцы лӕджы. Йесо цы уырнындзинад дӕтты, уый йӕ уӕ разы бынтондӕр сӕнӕниз кодта. Фарны уац куыд ӕргом кӕны, афтӕмӕй Хуыцау адӕймаджы раст кӕны, куы Йыл баууӕнды, ӕрмӕстдӕр уӕд. Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Рӕстгӕнӕг уырнындзинады фӕрцы цӕрдзӕн». Ацы ныхӕстӕ ныффыстон сымахмӕ, Хуыцауы Фыртыл ӕууӕндджытӕм, мыггагмӕйы цард уын кӕй ис, уый куыд зонат, афтӕ. Ӕмӕ ацы чиныджы пехуымпар ныхӕстӕй чи аппара, уый Хуыцау ӕнӕхай фӕкӕндзӕн ацы чиныджы фыст кӕй тыххӕй ис, уыцы царды бӕласӕй ӕмӕ сыгъдӕг сахарӕй.
Выбор основного перевода