Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Чи баууӕнда ӕмӕ кӕуыл саргъуыдӕуа, уый фервӕздзӕни; чи нӕ баууӕнда, уый та уыдзӕни тӕрхонгонд. Сымах цӕстӕй нӕ федтат Чырыстийы, фӕлӕ Йӕ уарзут, ӕмӕ Йӕ кӕд ныртӕккӕ нӕ уынут, уӕддӕр Ыл ӕууӕндут ӕмӕ уӕ цин у, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм. Кӕд ӕй ныфс нал уыди, уӕддӕр Авраам, зӕрдӕ даргӕйӕ, баууӕндыд ӕмӕ уый тыххӕй сси бирӕ адӕмты фыдӕл, Хуыцау ын куыд загъта, афтӕ: «Тынг бирӕ уыдзысты дӕ байзӕддӕгтӕ». Авраам ӕмбӕрста: цӕуы йыл фондзыссӕдз азы бӕрц, йӕ буар сӕдых, Саррӕ нал ныййардзӕни, фӕлӕ уӕддӕр йӕ уырнындзинад нӕ фӕцудыдта. Хуыцау Йӕ дзырдӕн хицау кӕй разындзӕн, ууыл нӕ фӕгуырысхо, йӕ уырнындзинад дзы бауагъта тых, ӕмӕ Авраам скад кодта Хуыцауӕн, Мах цӕрӕм, цӕстӕй цы уынӕм, уымӕй нӕ, фӕлӕ уырнындзинадӕй. Паддзах дзы йӕ маст кӕй райсдзӕн, уымӕй нӕ фӕтӕрсгӕйӕ, Моисей йӕ уырнындзинады фӕрцы ныууагъта Мысыр. Цӕстӕй фенӕн Кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы цыма цӕстӕй уыдта, афтӕ фидар лӕууыд.
Выбор основного перевода