Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау сыджытӕй сфӕлдыста адӕймаг, йӕ улӕфӕнты йын бауагъта царддӕттӕг комытӕф, ӕмӕ адӕймаг сси удгоймаг. Йесо афтӕ загъта, Ууыл ӕууӕндджытӕ Кӕмӕй хъуамӕ схайджын уыдаиккой, уыцы Сыгъдӕг Уды тыххӕй. Уӕд Сыгъдӕг Уды нӕма рарвыстӕуыд, уымӕн ӕмӕ Йесойы намыс нӕма раргом. Кӕй сӕвзӕрста, уыцы апостолтӕн Йӕ ацыды размӕ Сыгъдӕг Уды фӕрцы загъта, цы гӕнгӕ сын у, уый тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ Иоанн аргъуыдта донӕй, сымах та цалдӕр боны фӕстӕ аргъуыд уыдзыстут Сыгъдӕг Удӕй». Фӕлӕ Сыгъдӕг Удӕй куы схайджын уат, уӕд райсдзыстут тых, ӕмӕ Мын ӕвдисӕнтӕ уыдзыстут Иерусалимы, ӕгас Иудейӕйы ӕмӕ Самарийы, ӕмӕ суанг зӕххы кӕронмӕ». Уӕд сеппӕт дӕр схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ райдыдтой дзурын ӕндӕр ӕвзӕгтыл, Уд сӕ куыд арӕзта, афтӕ. Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Фыццаг адӕймаг – Адам сси удӕгас», фӕстаг Адам та сси царддӕттӕг уд.
Выбор основного перевода