Ӕрӕввахс иудейаг Куадзӕн, ӕмӕ Йесо ӕрцыд Иерусалиммӕ.
Адӕмӕй та Йыл бирӕтӕ баууӕндыдысты ӕмӕ дзырдтой: «Цымӕ Чырысти куы ӕрцӕуа, уӕд, ацы Адӕймаг цы диссӕгтӕ равдыста, уыдонӕй фылдӕр равдисдзӕн?»
Уӕд алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ ӕрӕмбырд кодтой синедрион ӕмӕ загътой: «Цы гӕнгӕ нын у? Ацы Адӕймаг бирӕ диссӕгтӕ ӕвдисы.
Афтӕ Йӕ куы ныууадзӕм, уӕд Ыл сеппӕт дӕр баууӕнддзысты. Ӕмӕ ӕрцӕудзысты ромӕгтӕ ӕмӕ фесафдзысты нӕ ацы бынат дӕр ӕмӕ нӕ адӕмы дӕр».