Уӕд динамонджытӕй ӕмӕ фарисейтӕй иуӕй-иутӕ загътой Йесойӕн: «Ахуыргӕнӕг, исты ӕвдисӕйнаг нын куы равдисис, уый нӕ фӕнды».
Йесо Кувӕндонмӕ куы ӕрцыд ӕмӕ адӕмы куы ахуыр кодта, уӕд Ӕм бацыдысты алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ, ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Ды цавӕр хъаруйӕ кӕныс ӕппӕт уыдӕттӕ? Уыцы бар Дын чи радта?»
Уый ӕхсӕвы ӕрцыд Йесомӕ ӕмӕ Йын загъта: «Равви, Ды Хуыцауӕй ӕрцӕугӕ Ахуыргӕнӕг кӕй дӕ, уый мах зонӕм. Уымӕн ӕмӕ Ды цы диссӕгтӕ аразыс, уыдон кӕнын никӕй бон бауыдзӕн, Хуыцау йемӕ куы нӕ уа, уӕд».