Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16 17 18 19 20 21
Параллельные места
Амардзысты Йӕ, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн». Ахуыргӕнинӕгтӕ тынг фенкъард сты. Ам нӕй, райгас и. Галилейы ма куы уыди, уӕд уын цы дзырдта, уый уӕ зӕрдыл ӕрлӕууӕд: „Адӕймаджы Фырт хъуамӕ лӕвӕрд ӕрцӕуа тӕригъӕдджын адӕмы къухтӕм, байтындздзысты Йӕ дзуарыл ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн"». Уӕд сылгоймӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты Йесойы ныхӕстӕ. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уый фыццаг нӕ бамбӕрстой. Фӕлӕ Йесо куы снамысджын, уӕд сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд: Йесойы тыххӕй Сыгъдӕг Фысты афтӕ загъд уыди ӕмӕ Йын афтӕ бакодтой. Мӕ Фыд Мӕ номыл Кӕй рарвитдзӕн, уыцы Рӕвдауӕг, Сыгъдӕг Уд, сымах сахуыр кӕндзӕн алцӕуыл дӕр, ӕмӕ уын Ӕз цы дзырдтон, уый уын уӕ зӕрдыл ӕрӕфтаудзӕн. Давид Йесойы тыххӕй афтӕ зӕгъы: „Хицау кӕддӕриддӕр мӕ цӕстыты раз уыд; мӕ рахиз фарс ис, цӕмӕй ӕз ма фӕцудон. Хуыцау Ӕй мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, ӕмӕ Йын бамбийӕн кӕй нал уыдзӕн, уый тыххӕй та Хуыцау афтӕ загъта: „Ӕз уыл бафтаудзынӕн, Давидӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдтон ӕмӕ кӕй нӕ аивдӕуыдзӕн, уыцы арфӕтӕ".
Выбор основного перевода