Дыккаг бон Йесо скодта Галилеймӕ цӕуыны фӕнд. Ссардта Филиппы ӕмӕ йын загъта: «Цом Мемӕ».
Йесо ногӕй ӕрцыд, дон сӕн кӕм фестын кодта, уыцы галилейаг Канӕмӕ. Уыцы рӕстӕг паддзахы ӕлдӕрттӕй иуӕн йӕ фырт Капернаумы уыди рынчын.
Симон Петр, фӕсномыгӕй Фаззон чи хуынд, уыцы Фома, Нафанаил галилейаг Канӕйӕ, Зеведейы фырттӕ ӕмӕ Йесойы иннӕ дыууӕ ахуыргӕнинаджы уыдысты иумӕ.