Фыд уарзы Фырты ӕмӕ Йын ӕвдисы, Йӕхӕдӕг цы кӕны, ӕппӕт уыдӕттӕ. Фенын Ын кӕндзӕн ацы хъуыддӕгтӕй ноджы стырдӕртӕ, ӕмӕ сымах дисы бафтдзыстут.
Ӕмӕ сын Ӕз раргом кодтон Дӕ ном, ӕмӕ сын ӕй дарддӕр дӕр ӕргом кӕндзынӕн, цӕмӕй Мӕ Ды цы уарзтӕй бауарзтай, уыдон дӕр уарзой ахӕм уарзтӕй, ӕмӕ Ӕз уон семӕ».