Мӕ Буар чи хӕры ӕмӕ Мӕ Туг чи нуазы, уый баиу Мемӕ ӕмӕ Ӕз баиу дӕн йемӕ.
Кӕд къалиутӕй иуӕй-иутӕ асастысты, дӕу та, хъӕддаг зетибӕлас, сӕ бынаты бафтыдӕуыд ӕмӕ сой исыс бӕласы уидагӕй,
Уӕд иннӕ къалиутӕм былалгъӕй ма кӕс. Кӕд сӕм былалгъӕй кӕсыс, уӕд та дӕ рох ма уӕд: уидагыл ды нӕ хӕцыс, уидаг хӕцы дӕуыл.