Сымах Мӕ нӕ сӕвзӕрстат, фӕлӕ уӕ Ӕз сӕвзӕрстон, ӕмӕ уын бахӕс кодтон цӕуын ӕмӕ пайда дӕттын, уӕ уыцы пайда мыггагмӕ куыд уа, афтӕ. Ӕмӕ уӕд Мӕ номӕй цыдӕриддӕр ракурат Фыдӕй, уый уын ратдзӕн.
Буар иу у, йӕ уӕнгтӕ та – бирӕ. Фӕлӕ кӕд бирӕ сты, уӕддӕр сеппӕт дӕр иу буар сты. Афтӕ у Чырысти дӕр.
Сымах Чырыстийы буар стут, хицӕнтӕй та – Йӕ буары уӕнгтӕ.