Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Хуыцау загъта Аврамӕн: «Ныууадз дӕ бӕстӕ, дӕ хӕстӕджыты, дӕ фыды хӕдзар ӕмӕ ацу, Ӕз дын цы зӕхх бацамондзынӕн, уырдӕм. Ӕз дӕуӕй рауадздзынӕн разагъды адӕм, Мӕ арфӕ дыл бафтаудзынӕн, скӕндзынӕн дӕ хъуыстгонд, ӕмӕ уыдзынӕ арфӕйыхос. Ӕз Мӕ арфӕ бафтаудзынӕн дӕуӕн арфӕгӕнджытыл, ралгъитдзынӕн де 'лгъитӕджы; дӕ фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ». Авраамӕй ӕнӕмӕнг рацӕудзӕни разагъды ӕмӕ тыхджын адӕм, ӕмӕ йӕ фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ. Уыцы Пехуымпармӕ чи нӕ байхъуса, уый фӕхъӕудзӕн Хуыцауы адӕмӕй". Куыд зонут, афтӕмӕй уын фыццаг хатт фарны уац куы хъусын кодтон, уӕд рынчын уыдтӕн. Уый фӕстӕ ӕз федтон ӕндӕр зӕды уӕлиӕутты тӕхгӕ. Уыдис ӕм мыггагмӕйы фарны уац зӕххон цӕрджытӕн – алы адӕмыхатт ӕмӕ мыггагӕн, алы ӕвзаг ӕмӕ адӕмӕн ӕй хъусын кӕныны тыххӕй.
Выбор основного перевода