Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Ӕз Мӕ арфӕ бафтаудзынӕн дӕуӕн арфӕгӕнджытыл, ралгъитдзынӕн де 'лгъитӕджы; дӕ фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ». Хуыцау фӕзынд Авраммӕ ӕмӕ йын загъта: «Ӕз ацы зӕхх ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн». Кӕм ӕм фӕзынд, уым Аврам Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн. Цы зӕхх уыныс, уый Ӕз ӕгасӕй дӕр мыггагмӕ ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн. Демӕ, дӕ фӕстӕ та дӕ байзӕддӕгты фӕлтӕртимӕ, Ӕз сараздзынӕн фидыд – мыггагмӕйы фидыд, Ӕз уыдзынӕн дӕ Хуыцау ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты Хуыцау. Сымах стут пехуымпарты байзӕддаг ӕмӕ фидыды бындартӕ. Уыцы фидыд Хуыцау сарӕзта уӕ фыдӕлтимӕ, Авраамӕн мӕнӕ афтӕ куы загъта, уӕд: „Дӕ байзӕддаджы фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр".
Выбор основного перевода