Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Нӕ фыдӕлты Хуыцау райгас кодта, хъӕдыл Кӕй ӕрцауыгътат ӕмӕ амардтат, уыцы Йесойы. Адӕймаджы ӕрдзыхъӕд ӕй кӕй слӕмӕгъ кодта, уый аххосӕй Ӕгъдауӕн цы нӕ бантыст, уый сарӕзта Хуыцау – рарвыста Йӕ Фырты. Фырт райста адӕймаджы тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды хуызӕн ӕрдзыхъӕд; ӕмӕ Йӕ ӕрхастӕуыд нывондӕн тӕригъӕды тыххӕй. Афтӕмӕй Хуыцау тӕрхон рахаста, адӕймаджы ӕрдзыхъӕды цы тӕригъӕд цӕры, уымӕн, Тӕригъӕдтӕ Кӕмӕ нӕ уыди, Уый мах сӕраппонд Хуыцау бафхӕрдта тӕригъӕдджыны бафхӕрӕгау, цӕмӕй Йӕ фӕрцы сраст уӕм Хуыцауы раз. Ӕгъдауы дӕлбар чи у, уыдоны суӕгъд кӕнынмӕ, цӕмӕй нӕ Хуыцау Йӕхицӕн сараза хъӕбултӕ. Чырысти не ссӕрибары аргъ бафыста Йӕ Тугӕй, ӕмӕ нын хатыр сты нӕ тӕригъӕдтӕ. Афтӕ равдыста Хуыцау Йӕ ӕгӕрон хорзӕх, Уый нын нӕ тӕригъӕдтӕ Йӕ буаримӕ систа дзуармӕ, цӕмӕй амӕлӕм тӕригъӕдӕн ӕмӕ цӕрӕм рӕстдзинадӕн. Сымах Йӕ хъӕдгӕмттӕй сдзӕбӕх стут.
Выбор основного перевода