Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Зӕгъын уын, йӕ хӕдзармӕ Хуыцауӕй хатыргондӕй хъалонисӕг ацыди, фарисей та – нӕ. Уымӕн ӕмӕ йӕхи уӕлдӕр чи ӕвӕры, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн». Фарны уац куыд ӕргом кӕны, афтӕмӕй Хуыцау адӕймаджы раст кӕны, куы Йыл баууӕнды, ӕрмӕстдӕр уӕд. Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Рӕстгӕнӕг уырнындзинады фӕрцы цӕрдзӕн». Уымӕн ӕмӕ мах афтӕ зӕгъӕм: адӕймаг Ӕгъдау ӕххӕст кӕна ӕви нӕ – уырнындзинады фӕрцы сраст вӕййы. Фӕлӕ мах зонӕм, Ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕй Хуыцауы раз ничи сраст уыдзӕни, фӕлӕ ӕрмӕст Йесо Чырыстийыл ӕууӕндынӕй. Уымӕ гӕсгӕ мах баууӕндыдыстӕм Йесо Чырыстийыл, цӕмӕй сраст уӕм Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны фӕрцы нӕ, фӕлӕ Чырыстийыл ӕууӕндынӕй. Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны фӕрцы Хуыцауы раз ничи сраст уыдзӕни.
Выбор основного перевода