Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Сыгъдӕг Уды царддӕттӕг ӕгъдау Йесо Чырыстийы руаджы дӕу ссӕрибар кодта тӕригъӕды ӕмӕ мӕлӕты ӕгъдауӕй. Адӕймаджы ӕрдзыхъӕд ӕй кӕй слӕмӕгъ кодта, уый аххосӕй Ӕгъдауӕн цы нӕ бантыст, уый сарӕзта Хуыцау – рарвыста Йӕ Фырты. Фырт райста адӕймаджы тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды хуызӕн ӕрдзыхъӕд; ӕмӕ Йӕ ӕрхастӕуыд нывондӕн тӕригъӕды тыххӕй. Афтӕмӕй Хуыцау тӕрхон рахаста, адӕймаджы ӕрдзыхъӕды цы тӕригъӕд цӕры, уымӕн, Цӕмӕй Ӕгъдау цы рӕстдзинад домы, уый сӕххӕст уа нӕ царды – мах цӕрӕм тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕсӕй нӕ, фӕлӕ Сыгъдӕг Удӕн коммӕгӕсӕй. Кӕд Чырыстийы фӕрцы тырнӕм нӕхи сраст кӕнынмӕ, ӕмӕ уӕддӕр тӕригъӕдджынтӕ стӕм, уӕд уый, мыййаг, афтӕ амоны, ӕмӕ Чырысти тӕригъӕдӕн кусӕг у? Ницы хуызы! Ӕз мӕхи нӕ тигъ кӕнын Хуыцауы хорзӕхыл. Уымӕн ӕмӕ адӕймаджы кӕд Ӕгъдау раст кӕны, уӕд Чырысти дзӕгъӕлы амард.
Выбор основного перевода