Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Ацы уӕтӕрӕй чи нӕу, ис Мын ахӕм фыстӕ дӕр, ӕмӕ уыдоны дӕр хъуамӕ ӕрхонон. Уыдон дӕр фехъусдзысты Мӕ хъӕлӕс, ӕмӕ уыдзӕн иу дзуг ӕмӕ иу Фыййау. Ам иудейы ӕмӕ муртаты ӕхсӕн хъауджы нӕй – сеппӕтӕн дӕр иу Хицау ис, ӕмӕ рӕдауӕй дӕтты, Йӕ ном Ын чидӕриддӕр ссара, уыдонӕн. Алчидӕр баззайӕд, Хуыцау ӕй куы ӕрхуыдта, уӕд цы уыди, уымӕй. Цагъайрагӕй дӕ ӕрхуыдта – ма йыл тыхс; фӕлӕ кӕд дӕ бон сӕрибар райсын у, уӕд дын хуыздӕр уыдзӕни уыцы фадатӕй спайда кӕнын. Уымӕн ӕмӕ Хицау кӕй ӕрхуыдта, уыцы цагъары Хицау ссӕрибар кодта; сӕрибарӕй кӕй ӕрхуыдта, уый та Чырыстийы цагъар у. Сымах стыр аргъӕй балхӕдӕуыд – ма сут цагъартӕ адӕймагӕн. Ӕфсымӕртӕ, кӕй цы уавӕры ӕрхуындӕуыд, алчидӕр уыцы уавӕры баззайӕд Хуыцауы раз.
Выбор основного перевода