Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Аарон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ афӕдз иу хатт адӕмы сыгъдӕг кӕндзӕн тӕригъӕдӕй. Аарон тӕригъӕдтӕ сыгъдӕг кӕндзӕн нывонды тугӕй нывондхӕссӕны сыкъаты сӕрмӕ. Уыцы ӕгъдау ӕххӕстгӕнинаг у фӕлтӕрӕйфӕлтӕрмӕ. Уый уыдзӕн иууылсыгъдӕг нывондхӕссӕн Дунедарӕгӕн». Йӕ бон у, чи фӕдзӕгъӕл, уыцы ӕнӕфендтыл ӕрвӕссын, уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр лӕмӕгъ у. Уымӕ гӕсгӕ адӕмы тӕригъӕдты ӕмрӕнхъ йӕхи тӕригъӕдты тыххӕй дӕр хъуамӕ хӕсса нывондтӕ. Уый иннӕ алчерты хуызӕн нӕу; ӕрвылбон Ӕй фыццаг Йӕхи тӕригъӕдты, уый фӕстӕ та адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй нывондтӕ хӕссыны сӕр нӕ хъӕуы. Йесо уый бакодта иу хатт ӕмӕ мыггагмӕ, Йӕхи нывондӕн куы ӕрхаста, уӕд.
Выбор основного перевода