Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Фыццаг адӕймаг – Адам сси удӕгас», фӕстаг Адам та сси царддӕттӕг уд. Сӕхӕдӕг дзурынц, куыд ныл сӕмбӕлдыстут, мӕнгхуыцӕуттӕй Хуыцаумӕ куыд раздӕхтыстут, ууыл – сымах систут цардӕгас ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауӕн цагъартӕ, Чырысти нӕ сӕраппонд Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна алы тӕригъӕдӕй дӕр ӕмӕ Йӕхицӕн ссыгъдӕг кӕна, хорз хъуыддӕгтӕм чи тырндзӕн, ахӕм адӕм. Уӕдӕ ныууадзӕм Чырыстийы ахуырады абетӕ ӕмӕ не 'ргом аздахӕм, хъомылӕн цы ӕмбӕлы, уымӕ. Ма бавналӕм ногӕй бындур ӕвӕрынмӕ – мауал ахуыр кӕнӕм мӕлӕтхӕссӕг хъуыддӕгтыл ӕрфӕсмон кӕныныл ӕмӕ Хуыцауыл ӕууӕндыныл, Уый тыххӕй нын ӕвдисӕн лӕууы Сыгъдӕг Уд дӕр. Хуыцау куы загъта: Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр мах Хуыцаумӕ ӕрхоныны охыл уыциу хъизӕмар бавзӕрста – Йӕхӕдӕг ӕназым уыди, афтӕмӕй азымджынты сӕраппонд амарди уыдоны тӕригъӕдты тыххӕй. Йӕ буар Ын амардтой, фӕлӕ уды ӕгъдауӕй райгас, Хуыцау Йӕхӕдӕг рухсы куыд ис, кӕд мах дӕр афтӕ рухсы цӕрӕм, уӕд нын кӕрӕдзиимӕ ис иудзинад ӕмӕ нӕ Йӕ Фырт Йесойы Туг сыгъдӕг кӕны алы тӕригъӕдӕй дӕр.
Выбор основного перевода