Моисей ӕрцыд адӕммӕ ӕмӕ сын радзырдта Хуыцауы ӕппӕт ныхӕстӕ ӕмӕ ӕппӕт ӕгъдӕуттӕ. Адӕм ӕмхъӕлӕсӕй дзуапп радтой: «Дунедарӕг цыдӕриддӕр загъта, уый бакӕндзыстӕм».
Моисей туджы ӕмбис ныккодта кӕхцыты, иннӕ ӕмбис та бапырх кодта нывондхӕссӕныл.
Стӕй райста Фидыды Чиныг ӕмӕ дзы адӕмӕн бакаст хъӕрӕй. Адӕм загътой: «Дунедарӕг цыдӕриддӕр загъта, уый бакӕндзыстӕм, кӕсдзыстӕм Йӕ коммӕ».
Моисей райста тугӕй, бапырх дзы кодта адӕмыл ӕмӕ загъта: «Ацы тугӕй фидаргонд цӕуы, Йеппӕт ӕгъдӕуттӕ кӕй ӕххӕст кӕндзыстут, уый тыххӕй Дунедарӕг цы фидыд сарӕзта, уый».