Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Акъацийӕ сараз фынг; йӕ дӕргъ – дыууӕ ӕлмӕрины, йӕ уӕрх – иу ӕлмӕрин, йӕ бӕрзӕнд – ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг. Сӕвдул ӕй сыгъдӕг сыгъзӕриндоны, йӕ кӕрӕттӕ йын ӕгасӕй дӕр сараз сыгъзӕринӕй. Йӕ алыварс ын сӕвӕр армы фӕтӕнӕн фӕлгӕт – йӕ кӕрӕттыл сыгъзӕрин тӕлмимӕ. Сараз цыппар сыгъзӕрин цӕджы, ӕмӕ йын сӕ йӕ цыппар къахы цур бафидар кӕн йӕ цыппар тигъмӕ, Хъилтӕ сӕ атъыссынӕн ӕмӕ фынг хӕссынӕн цӕгтӕ хъуамӕ уой фӕлгӕтыл. Фынг цы хъилтыл хӕсдзысты, уыдон сараз акъацийӕ ӕмӕ сӕ сӕвдул сыгъзӕриндоны. Сараз ын тӕбӕгътӕ, чысыл къустӕ, дурынтӕ ӕмӕ кӕхцытӕ сӕнӕн; сараз сӕ сыгъдӕг сыгъзӕринӕй. Фынгыл ӕвӕр сӕрмагондӕй Мӕнӕн конд дзултӕ; уый иудадзыг хъуамӕ уа Мӕ разы. Зӕрингуырд куыд аразы, афтӕ сараз рухсгӕнӕн сыгъдӕг сыгъзӕринӕй. Рухсгӕнӕн йӕ зӕнг, йӕ къалиутӕ, йӕ дидинхуыз фӕлындӕнтӕ – дидинӕджы къуырфтӕ ӕмӕ дидинсыфтӕ – хъуамӕ уой ӕмхӕст. Йӕ фӕрстыл уӕнт ӕхсӕз къалиуы: ӕртӕ къалиуы – иуӕрдыгӕй, ӕртӕ къалиуы – иннӕрдыгӕй. Алы къалиуыл дӕр хъуамӕ уа ӕртӕ дидинӕджы; уыдон хъуамӕ уой миндалы хуызӕн фӕлындӕнтимӕ – дидинӕджы къуырфтимӕ ӕмӕ дидинсыфтимӕ. Ахӕм дидинджытӕ хъуамӕ уой рухсгӕнӕны ӕппӕт ӕхсӕз къалиуыл дӕр. Рухсгӕнӕны зӕнгыл ноджыдӕр сараз, миндалы дидинджыты хуызӕн фӕлындӕнтӕ – цыппар дидинӕджы сӕ къуырфтимӕ ӕмӕ сӕ дидинсыфтимӕ. Рухсгӕнӕныл цы ӕхсӕз къалиуы ис, уыдонӕй дыууӕйы бынмӕ – дидинӕджы къуырф, иннӕ дыууӕ къалиуы бынмӕ дӕр – дидинӕджы къуырф, аннӕ дыууӕ къалиуы бынмӕ дӕр – дидинӕджы къуырф. Афтӕ фӕлыст хъуамӕ уой рухсгӕнӕны ӕхсӕз къалиуы дӕр. Ӕппӕт фӕлындӕнтӕ ӕмӕ къалиутӕ хъуамӕ ӕмхӕст уой рухсгӕнӕнимӕ. Рухсгӕнӕн ӕнӕхъӕнӕй дӕр хъуамӕ уа сыгъдӕг сыгъзӕринӕй, ӕмӕ зӕрингуырдтӕ куыд аразынц, афтӕ арӕзт. Рухсгӕнӕныл сараз авд цырагъы, сӕ рухс рухсгӕнӕны размӕ куыд кӕла, афтӕ. Сыгъдӕг сыгъзӕринӕй йын сараз ӕртыскӕн ӕмӕ ӕртхутӕгдонтӕ. Рухсгӕнӕныл йеппӕт мигӕнӕнтимӕ бахардз кӕн сыгъдӕг сыгъзӕрины киккар. Ма дӕ ферох уӕд: ӕппӕт дӕр сараз, хохыл дын сӕ куыд равдыстон, афтӕ. Цатыр сараз дӕс ӕмбӕрзӕнӕй – уыдон хъуамӕ уой уӕздан виссонӕй ӕмӕ ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕй. Ӕмбӕрзӕнтыл бауафут херувимтӕ. Алы ӕмбӕрзӕнӕн дӕр йӕ дӕргъ уӕд аст ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та – цыппар ӕлмӕрины. Ӕмбӕрзӕнтӕ иууылдӕр хъуамӕ уой ӕмиӕстӕ. Фондз ӕмбӕрзӕны хъуамӕ бахуыдӕуа иу иннӕимӕ, иннӕ фондз ӕмбӕрзӕны дӕр бахуыдӕуӕд иу иннӕимӕ. Фондз ӕмбӕрзӕнӕй цы ӕмбӕрзӕн бахуыдӕуа, уымӕн йӕ кӕроныл сараз ӕрвхуыз сӕхтӕджытӕ. Ахӕм сӕхтӕджытӕ сараз ӕмбӕрзӕны иннӕ кӕроныл дӕр. Ӕмбӕрзӕнтӕй иуӕн йӕ кӕроныл сараз дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз сӕхтӕджы, дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз сӕхтӕджы сараз иннӕ ӕмбӕрзӕны кӕроныл дӕр. Иу ӕмбӕрзӕны сӕхтӕджытӕ хъуамӕ бадой иннӕ ӕмбӕрзӕны сӕхтӕджытимӕ. Сараз дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз къӕпсыры сыгъзӕринӕй, ӕмӕ уыцы къӕпсыртӕй иу ӕмбӕрзӕн баиу кӕн иннӕимӕ, ӕмӕ афтӕмӕй Цатыр уыдзӕн ӕмхӕст. Цатыры сӕр бамбӕрзынӕн тинтычъийӕ бауаф ӕмбӕрзӕнтӕ; ахӕм ӕмбӕрзӕнтӕ бауаф иуӕндӕс. Алы ӕмбӕрзӕнӕн дӕр йӕ дӕргъ хъуамӕ уа дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх – цыппар ӕлмӕрины. Иуӕндӕс ӕмбӕрзӕны дӕр хъуамӕ уой ӕмиӕстӕ. Ӕмбӕрзӕнтӕ бахуый иу иннӕйыл – фондз ӕмбӕрзӕны иумӕ, иннӕ ӕхсӕз ӕмбӕрзӕны та – иумӕ. Ӕхсӕзӕм ӕмбӕрзӕн сараз дывӕлдӕхтӕй, ӕвӕрд уӕд Цатыры раззаг фарсыл. Иу ӕмбӕрзӕны кӕроныл сараз дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз сӕхтӕджы, дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз сӕхтӕджы сараз иннӕ ӕмбӕрзӕны кӕроныл дӕр. Уый фӕстӕ сараз дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕрхуы къӕпсыры, сӕхтӕджыты сӕ бафтау Цатыры сӕры ӕмбӕрзӕнтӕ баиу кӕнынӕн. Афтӕмӕй Цатыры ӕмбӕрзӕн ӕнӕхъӕнӕй уыдзӕн ӕмхӕст. Цатыры сӕр ӕмбӕрзӕны дӕргъӕй уӕлдай цы разына (иу ӕмбӕрзӕны ӕмбис), уый хъуамӕ ӕрзӕбул уа Цатыры фӕстаг фарсыл. Цатыры ӕмбӕрзӕнты дӕргъӕн йӕ уӕлдай – ӕлмӕрин иуӕрдыгӕй ӕмӕ ӕлмӕрин иннӕрдыгӕй – ӕрзӕбул уӕд Цатырӕн йӕ дыууӕ фарсыл ӕнӕхъӕнӕй йӕ бамбӕрзыны тыххӕй. Цатыры сӕрӕн иу ӕддаг цъар сӕвӕр сырх фысдзӕрмттӕй; уыцы цъары уӕлӕ тӕнӕг сӕракӕй сӕвӕр ӕддаг цъар. Цатырӕн акъацибӕласӕй сараз цыппӕрдигъон цӕджындзтӕ. Цӕджындзты дыгӕйттӕй бафидар кӕн кӕрӕдзимӕ; сӕ бӕрзӕнд хъуамӕ уа фӕйнӕ дӕс ӕлмӕрины, се 'хсӕн – фӕйнӕ ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг. Алы дыууӕ цӕджындзӕн дӕр хъуамӕ уа дыууӕ къӕпсыры – иу иннӕйы акомкоммӕ; афтӕ Цатыры ӕппӕт цӕджындзтӕн сараз къӕпсыртӕ. Цатырӕн сараз цӕджындзтӕ: ссӕдз цӕджындзы – йӕ хуссар фарсӕн. Cсӕдз цӕджындзӕн сараз дыууиссӕдз бынӕвӕрӕны ӕвзистӕй: дыууӕ бынӕвӕрӕны – алы дыууӕ цӕджындзы дыууӕ къӕпсырӕн дӕр. Cсӕдз цӕджындзы та сараз Цатыры иннӕ фарсӕн – цӕгат фарсӕн. Сараз сын дыууиссӕдз ӕвзист бынӕвӕрӕны: алы дыууӕ цӕджындзӕн дӕр – дыууӕ бынӕвӕрӕны. Цатыры фӕстаг фарсӕн, ныгуылӕн фарсӕн, сараз дыууадӕс цӕджындзы. Цыппар цӕджындзы та сараз Цатыры фӕстаг фарсы тигътӕн. Уыцы цӕджындзтӕ бынӕй хъуамӕ уой саджил, уӕлейӕ та, фыццаг цӕг кӕм ис, уым та – ӕмхӕст. Ахӕмтӕ хъуамӕ уой, тигъты ӕвӕрд чи уыдзӕн, уыцы цыппар цӕджындзы. Афтӕмӕй цӕджындзтӕ уыдзысты ӕхсӕрдӕс, сӕ ӕвзист бынӕвӕрӕнтӕ дӕр – ӕхсӕрдӕс: фӕйнӕ дыууӕ бынӕвӕрӕны – алы дыууӕ цӕджындзӕн дӕр. Акъацибӕласӕй сараз фондз хъилы Цатыры иу фарсы цӕджындзтӕ сбӕттынӕн. Фондз хъилы та сараз Цатыры иннӕ фарсы цӕджындзтӕ сбӕттынӕн, фондз хъилы – Цатыры фӕстаг, ныгуылӕн, фарсы цӕджындзтӕ сбӕттынӕн. Мидӕггаг хъил хъуамӕ ацӕуа ӕппӕт цӕджындзты хӕдастӕуты – иу кӕронӕй иннӕмӕ. Цӕджындзтӕ сӕвдул сыгъзӕриндоны, хъилтӕ цы цӕгты тъыст уыдзысты, уыдоны дӕр сараз сыгъзӕринӕй; хъилтӕ сӕвдул сыгъзӕриндоны. Цатыр ӕрӕвӕр, хохыл дын ӕй куыд фенын кодтон, афтӕ. Хуыцау Моисейӕн загъта: « Фыццаг мӕйы фыццаг бон Фембӕлды Цатыр ӕрӕвӕр йӕ бынаты. Йӕ мидӕг ын нывӕр фидыды Чырын, ӕмӕ Чырын бамбӕрз йӕ ӕмбӕрзӕнӕй. Бахӕсс фынг ӕмӕ йыл ӕрӕвӕр йеппӕт дзаумӕттӕ; бахӕсс рухсгӕнӕн ӕмӕ йыл сӕвӕр йӕ цырӕгътӕ.
Выбор основного перевода