Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Сӕ хабӕрттӕ махӕн зондыхос сты; ӕмӕ сӕ ныффыстӕуыди, цӕмӕй мах, рӕстӕджы кӕроны цӕрджытӕ, ахуыр кӕнӕм уыдоныл. Фӕлӕ афон куы ралӕууыд, уӕд Хуыцау рарвыста, сылгоймагӕй Чи райгуырд ӕмӕ Ӕгъдауы дӕлбар Чи уыд, Йӕ уыцы Фырты, Абон та, рӕстӕджы кӕрон, немӕ дзырдта, дун-дуне Кӕй фӕрцы сфӕлдыста ӕмӕ ӕппӕтӕн дӕр бындарӕй Кӕй сӕвӕрдта, Йӕ уыцы Фырты дзыхӕй. Мах та йыл баууӕндыдыстӕм ӕмӕ цӕуӕм Хуыцауы фӕлладуадзӕнмӕ, Уый куыд загъта, афтӕ: «Ӕз мӕстӕлгъӕдӕй расомы кодтон: уыдон Мӕ фӕлладуадзӕнмӕ никуы бацӕудзысты». Хуыцау та Йӕ хъуыддӕгтӕ арӕзт фӕци, дуне куы сфӕлдыста, уӕд.
Выбор основного перевода