Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Демӕ, дӕ фӕстӕ та дӕ байзӕддӕгты фӕлтӕртимӕ, Ӕз сараздзынӕн фидыд – мыггагмӕйы фидыд, Ӕз уыдзынӕн дӕ Хуыцау ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты Хуыцау. Дӕуӕн, дӕ фӕстӕ та дӕ байзӕддӕгтӕн, Ӕз ратдзынӕн, ды ныртӕккӕ ӕрцӕуӕггаг кӕуыл дӕ, Ханааны уыцы зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр. Ӕз ӕй мыггагмӕ ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн, ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау». «Ӕз фехъуыстон израилаг адӕмы хъуырхъуыр. Зӕгъ сын: „Изӕрдалынгты хӕрдзыстут дзидза, райсом та бафсӕддзыстут кӕрдзынӕй; ӕмӕ базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, кӕй дӕн, уый“». Ӕз цӕрдзынӕн израилаг адӕмы ӕхсӕн, ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау. Ӕмӕ базондзысты: цӕмӕй се 'хсӕн цӕрон, уый тыххӕй сӕ мысыраг зӕххӕй Чи ракодта, Ӕз сӕ уыцы Дунедарӕг Хуыцау дӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн, сӕ Хуыцау! Уӕлахиздзау райсдзӕн ӕппӕт уыдӕттӕ, Ӕз ын уыдзынӕн Хуыцау, уый та Мын уыдзӕни хъӕбул.
Выбор основного перевода