Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фӕлӕ Хуыцау ныхас кодта Моисей ӕмӕ Ааронимӕ, ӕмӕ сӕ арвыста израилаг адӕммӕ ӕмӕ фараонмӕ, мысыраг паддзахмӕ. Хуыцау сын бафӕдзӕхста израилаг адӕмы Мысыры зӕххӕй ракӕнын. Фараон уӕм нӕ байхъусдзӕн; ӕмӕ Ӕз бафхӕрдзынӕн Мысыр; ӕмӕ Мӕ израилаг адӕмы, Израилы байзӕддӕгты, ракӕндзынӕн Мысыр карзӕй бафхӕрыны фӕстӕ. Ма рох кӕнут донгонд дзулты бӕрӕгбон, уымӕн ӕмӕ уӕ Ӕз уыцы бонты ракодтон Мысыры зӕххӕй – ӕфсады иу къорд иннӕйы фӕдыл цӕуӕгау. Уӕ фидӕны фӕлтӕртӕ бӕрӕг кӕнӕнт уыцы бон – уый уын мыггагмӕ лӕвӕрд ӕгъдау у.
Выбор основного перевода