Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фӕлӕ Ӕз зонын: мысыраг паддзах уын нӕ ратдзӕн ацӕуыны бар, стыр хъару йӕ куы нӕ ӕртасын кӕна, уӕд. Ӕз радардзынӕн Мӕ къух, ӕмӕ ӕрцӕвдзынӕн Мысыр, кӕй дзы саразон, Мӕ уыцы диссӕгты фӕрцы; фараон уӕ уый фӕстӕ ауадздзӕн. Фараон уӕм нӕ байхъусдзӕн; ӕмӕ Ӕз бафхӕрдзынӕн Мысыр; ӕмӕ Мӕ израилаг адӕмы, Израилы байзӕддӕгты, ракӕндзынӕн Мысыр карзӕй бафхӕрыны фӕстӕ. Ӕз Мысырӕн Мӕ хъомыс куы равдисон ӕмӕ се 'хсӕнӕй израилаг адӕмы куы ракӕнон, уӕд мысырӕгтӕ базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый». Хуыцау загъта Моисейӕн: «Ноджыма иу хатт бафхӕрдзынӕн фараоны ӕмӕ мысырӕгты; уыйадыл фараон ауадздзӕн уеппӕты дӕр. Йӕхӕдӕг уӕ тӕрдзӕн ардыгӕй, рӕвдздӕр куыд ацӕуат, афтӕ. Фараон ӕхсӕвы басидти Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут махӕй уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ израилаг адӕм дӕр; ацӕут, ӕмӕ куыд дзырдтат, афтӕ нывонд ӕрхӕссут Дунедарӕгӕн. Израилӕгтӕй домдтой сӕ зӕххӕй куыдтагъддӕр ацӕуын. Мысырӕгтӕ дзырдтой: «Науӕд неппӕт дӕр фӕцагъды уыдзыстӕм». Мысырӕй кӕй рахастой, уыцы хыссӕйӕ сфыхтой донгонд лауаситӕ; хыссӕйыл ӕнхъизӕн нӕ ныккодтой, уымӕн ӕмӕ сын фӕстиаты амал нӕ уыд – мысырӕгтӕ сӕ ратардтой, ӕмӕ сын фӕндагмӕ сӕхицӕн суанг хӕринаг скӕнын дӕр нӕ бантыст.
Выбор основного перевода