Ӕмӕ загътон: Ӕз уӕ фервӕзын кӕндзынӕн мысыраг ӕфсондзӕй ӕмӕ уӕ ракӕндзынӕн, ӕхсыр ӕмӕ мыд цӕугӕдонау кӕм кӕлынц, ханаанӕгты, хетты, аморрӕгты, ферезӕгты, хиввӕгты ӕмӕ иевусӕгты уыцы зӕхмӕ’“.
Фараон уӕм нӕ байхъусдзӕн; ӕмӕ Ӕз бафхӕрдзынӕн Мысыр; ӕмӕ Мӕ израилаг адӕмы, Израилы байзӕддӕгты, ракӕндзынӕн Мысыр карзӕй бафхӕрыны фӕстӕ.
Ды уарзыс, кӕй фервӕзын кодтай, уыцы адӕмы, ӕмӕ сӕ Дӕ хъаруйӕ хоныс Дӕ сыгъдӕг цӕрӕн бынатмӕ.