Аврамыл нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз азы куы цыдис, уӕд ӕм фӕзынди Дунедарӕг ӕмӕ йын загъта: «Ӕз Ӕппӕтхъомыс Хуыцау дӕн; у Мын коммӕгӕс ӕмӕ ӕнаипп.
Хуыцау ын загъта: «Ӕз Ӕппӕтхъомыс Хуыцау дӕн! Цот уадз ӕмӕ сбирӕ у. Адӕм ӕмӕ бирӕ адӕмтӕ, стӕй паддзӕхтӕ рацӕудзӕни дӕуӕй.
Хуыцау загъта: «Чи ис, Ӕз Уый дӕн». Хуыцау ма Йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Израилаг адӕмӕн зӕгъ афтӕ: „Чи уыди, Чи ис ӕмӕ Чи уыдзӕн, Уый мӕ рарвыста сымахмӕ“».