Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Саразӕнт ын мӕнӕ ахӕм дарӕс: риуылдарӕн хызын, ефод, уӕлгуыр, нывӕфтыд даргъ хӕдон, сарыхъ ӕмӕ рон. Сауджыны ахӕм сӕрмагонд дарӕс бахуыйӕнт де 'фсымӕр Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн, ӕмӕ уыцы дарӕсы Мӕнӕн уыдзысты лӕггадгӕнджытӕ. Сыгъзӕрин хӕрдгӕбыдӕй, ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕй ӕмӕ уӕздан виссонӕй уафт нывӕфтыд хъуымацӕй бахуыйӕд ефод. Ефодӕн йӕ дыууӕ кӕроны дӕр хъуамӕ уа дыууӕ уӕхскбосы. Ефодыл ӕддейӕ цы рон хуыд ис, уый дӕр ефодау хъуамӕ уа сыгъзӕрин хӕрдгӕбыдӕй, ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕй ӕмӕ уӕздан виссонӕй. Тӕрхоны риуылдарӕн хызын бахуый нывӕфтыд хъуымацӕй; сараз ӕй ефоды хъуымацау – ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕй ӕмӕ уӕздан виссонӕй.
Выбор основного перевода