Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Веселиил акъацийӕ сарӕзта фынг; йӕ дӕргъ – дыууӕ ӕлмӕрины, йӕ уӕрх – иу ӕлмӕрин ӕмӕ йӕ бӕрзӕнд – ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг. Стылдта йӕ сыгъдӕг сыгъзӕриндоны, йӕ кӕрӕттӕ йын ӕгасӕй дӕр сарӕзта сыгъзӕринӕй. Ноджы ма йын йӕ алыварс сарӕзта армы фӕтӕнӕн фӕлгӕт, йӕ кӕрӕттӕ – сыгъзӕринӕй. Фынгӕн джиппы рауагъта цыппар сыгъзӕрин цӕджы, ӕмӕ уыцы цӕгтӕ бафидар кодта цыппар къуымы – фынджы цыппар къахы сӕрмӕ. Фынг хӕссынӕн фӕлгӕтыл уыди цӕгтӕ хъилтӕ сӕ атъыссынӕн. Фынг хӕссынӕн акъацийӕ сарӕзта хъилтӕ, ӕмӕ сӕ стылдта сыгъзӕриндоны. Уый фӕстӕ сыгъдӕг сыгъзӕринӕй сарӕзта фынджы ӕппӕт дзаумӕттӕ: тӕбӕгътӕ, чысыл къустӕ, дурынтӕ ӕмӕ кӕхцытӕ сӕнӕн. Цатыры фыццаг уат хуынди «Сыгъдӕг бынат». Сарӕзтӕйӕуыд афтӕ, ӕмӕ дзы уыди цырагъдарӕн, фынг ӕмӕ нывонд дзултӕ.
Выбор основного перевода