Уӕ номыл ӕрхӕссут лӕвӕрттӕ Хуыцауӕн; рӕдаузӕрдӕ чи у, уыдонӕй алчидӕр уӕ Хуыцауӕн лӕвар ӕрхӕссӕд: сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы,
Кӕй зӕрдӕ загъта, уыдон цыдысты ӕмӕ Хуыцауӕн хастой лӕвӕрттӕ Фембӕлды Цатыры арӕзтадӕн, Хуыцауӕн дзы балӕггад кӕнынӕн ӕмӕ сӕрмагонд дарӕсӕн.
Кӕй зӕрдӕ загъта, уыцы израилаг адӕм – нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ – Дунедарӕгӕн барвӕндонӕй хастой лӕвӕрттӕ, Хуыцау Моисейы разамындӕй цы куыстытӕ бакӕнын бафӕдзӕхста, уыдонӕн.
Нӕ къух цас амоны, уыйбӕрц зӕрдиагӕй куы дӕттӕм, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у; цы нӕм нӕй, уый Хуыцау нӕ домы.
Йӕ цӕст цас уарзы, алчидӕр уыйбӕрц хъуамӕ ратта ӕнӕбустӕйӕ ӕмӕ барвӕндонӕй, уымӕн ӕмӕ зӕрдӕрухсӕй чи дӕтты, Хуыцау уыцы адӕймаджы уарзы.