Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Моисей адӕмӕн загъта: «Уӕ зӕрдыл дарут ацы бон – Мысырӕй, цагъарады хӕдзарӕй, уӕ рацыды бон. Хуыцау уӕ Йе стыр хъаруйӕ ракодта уырдыгӕй, ӕмӕ ӕнхъызт хойраг хӕргӕ нӕу. Ӕз фараоныл бафтаудзынӕн хивӕнд, ӕмӕ уӕ фӕсте расурдзӕн; уӕд Ӕз бафхӕрдзынӕн фараоны ӕмӕ йеппӕт ӕфсады. Ӕмӕ мысырӕгтӕ базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. Ӕмӕ скадджын уыдзынӕн». Адӕм бакодтой, Дунедарӕг сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Ацы адӕмы Хуыцау, Израилы Хуыцау, сӕвзӕрста нӕ фыдӕлты. Израилӕгтӕ-ма Мысыры ӕцӕгӕлӕттӕй куы цардысты, уӕд сӕ скодта стыр адӕм, стӕй сӕ уырдыгӕй рахуыдта Йӕ домбай къухӕй.
Выбор основного перевода