Хицӕуттӕ сын загътой: «Хуыцау уӕм ӕркӕсӕд ӕмӕ уын тӕрхон рахӕссӕд, фараонӕн ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинтӕн уӕнгӕл кӕй фестын кодтат, нӕ амарынӕн сын сӕ къухты кард кӕй фӕсагътат, уый тыххӕй».
Моисей уыцы ныхӕстӕ радзырдта бӕлвырд израилӕгтӕн, фӕлӕ йӕм нӕ хъуыстой – уӕззау куыстӕй сӕ уд удыл нал хӕцыд.