Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Хуыцау загъта Моисейӕн: «Мысырмӕ куы ӕрыздӕхай, уӕд ма ферох кӕн, Ӕз дын кӕй бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыцы диссӕгтӕ фараоны раз равдисын. Ӕз та йын ратдзынӕн хивӕнд зӕрдӕ, ӕмӕ нӕ рауадздзӕн Мӕ адӕмы. Ӕз Мысырӕн Мӕ хъомыс куы равдисон ӕмӕ се 'хсӕнӕй израилаг адӕмы куы ракӕнон, уӕд мысырӕгтӕ базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый». Ӕз та хивӕнд бафтаудзынӕн мысырӕгтыл, ӕмӕ фӕсте асурдзысты израилӕгты. Уӕд мӕ тых равдисдзынӕн фараоныл ӕмӕ йеппӕт ӕфсадыл, йӕ хӕстон уӕрдӕттыл ӕмӕ йӕ барджытыл. Ӕмӕ Ӕз скадджын уыдзынӕн.
Выбор основного перевода