Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фӕндаг сын амоныны тыххӕй Хуыцау бонӕй цыди сӕ разӕй ӕврагъы хуызӕн цӕджындзау, ӕхсӕвы та – судзгӕ цӕджындзау, цӕмӕй сын рухс кӕна, ӕмӕ цӕуой бон дӕр ӕмӕ ӕхсӕв дӕр. Ӕврагъ бонӕй ӕмӕ судзгӕ цӕджындз ӕхсӕвы никуы ныууагътой адӕмы. Мӕнӕ уын уӕ разӕй ӕрвитын Мӕ зӕды; уый уӕ хъахъӕндзӕн фӕндагыл ӕмӕ уӕ бакӕндзӕн, Ӕз уын цы бынат ӕрцӕттӕ кодтон, уырдӕм. Ныр та ацу, ӕмӕ уыцы адӕмы акӕн, кӕдӕм дын загътон, уырдӕм. Мӕ зӕд ацӕудзӕни дӕ разӕй. Ӕфхӕрыны рӕстӕг куы ралӕууа, уӕд сӕ бафхӕрдзынӕн сӕ тӕригъӕды тыххӕй».
Выбор основного перевода