Уыцы сусӕгвӕнды тыххӕй базыдта Павелы хойы лӕппу. Бацыди фидармӕ ӕмӕ йӕ радзырдта Павелӕн.
«Дӕ зылынгӕнджытӕ дӕр куы ӕрцӕуой, уӕд дын ӕркӕсдзынӕн дӕ хъуыддагмӕ». Ӕмӕ радта Ироды галуаны йӕ ахстӕй дарыны бардзырд.
Дыккаг бон бахӕццӕ стӕм Сидонмӕ. Юлий Павелмӕ ракаст хорз цӕстӕй, радта йын йӕ хӕлӕрттӕм ацӕуыны фадат, цӕмӕй йыл баузӕлой.
Роммӕ куы ӕрцыдыстӕм, уӕд Павелӕн радтой йӕ хъахъхъӕнӕг ӕфсӕддонимӕ хицӕнӕй ӕрцӕрыны бар.