Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ сын, Моисейӕ ӕмӕ ӕппӕт пехуымпартӕй райдайгӕйӕ, бамбарын кодта, ӕппӕт Фыстыты Йӕхи тыххӕй цы загъд ис, уыдӕттӕ иууылдӕр. Авраамы, Исаакы ӕмӕ Иаковы Хуыцау, нӕ фыдӕлты Хуыцау, снамысджын кодта Йӕ Лӕггадгӕнӕджы – Йесо Чырыстийы. Сымах Ӕй радтат амарынмӕ, ӕмӕ Пилаты Йӕ рауадзын куы бафӕндыд, уӕд Ыл йӕ разы уӕхи атигъ кодтат. Ӕмӕ дзы ракуырдта фыстӕджытӕ Дамаскы синагогӕтӕм, цӕмӕй, Йесойы фӕдыл цӕуджытӕй кӕй ссара, уыдоны, лӕгӕй-усӕй, ӕрцахса ӕмӕ сӕ ӕркӕна Иерусалиммӕ. Мах куыд базыдтам, афтӕмӕй ацы лӕг у рын, ӕппӕт дунейы иудейты змӕнтӕг ӕмӕ назаретаг мӕнгдины фӕтӕг. Фӕлӕ абоны онг, Хуыцауы ӕххуысӕй, ӕнӕфӕцудгӕ лӕууын ӕмӕ дзурын хуымӕтӕг адӕмӕн дӕр ӕмӕ номдзыд адӕмӕн дӕр. Дзургӕ та кӕнын, пехуымпартӕ ӕмӕ Моисей рагагъоммӕ цы загътой, ӕрмӕстдӕр уый. Иудейтӕ баныхас кодтой Павелимӕ, цы бон фембӕлдзысты, уый тыххӕй; ӕмӕ кӕм ӕрбынатон, уырдӕм ӕрцыдысты ноджы фылдӕрӕй. Павел сын райсомӕй изӕрмӕ дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй, Моисейы Ӕгъдауӕй ӕмӕ пехуымпарты чингуытӕй сын хаста ӕвдисӕйнӕгтӕ Йесойы тыххӕй, ӕмӕ афтӕмӕй архайдта сӕ баууӕндын кӕныныл.
Выбор основного перевода