Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ баныхас кодтой, кӕмӕн куыд йӕ бон у, афтӕ се 'ххуысы хай Иудейӕйы цӕрӕг ӕфсымӕртӕн арвитыны тыххӕй. Ӕмӕ сӕ дзырдӕн разындысты хицау: цы ӕрӕмбырд кодтой, уый Варнавӕимӕ ӕмӕ Савлимӕ арвыстой аргъуаны хистӕртӕм. Ныр та цӕуын Иерусалиммӕ сыгъдӕджытӕн баххуыс кӕнынмӕ. Уымӕн ӕмӕ Македонийы ӕмӕ Ахайы уырнджыты бафӕндыд, Иерусалимы сыгъдӕджытӕй мӕгуыр чи у, уыдонӕн баххуыс кӕнын. Бафӕндыди сӕ, стӕй сӕ хӕсджын дӕр сты. Уымӕн ӕмӕ кӕд иугӕр муртаттӕ иудейтӕн Хуыцауӕй лӕвӕрд хорзӕхӕй схайджын сты, уӕд сын хъуамӕ баххуыс кӕной сӕ зӕххон хъуӕгты. Ӕз уый куы саразон ӕмӕ цы ӕрӕмбырд, уый сӕм мӕхӕдӕг куы фӕхӕццӕ кӕнон, уӕд Испанимӕ мӕ фӕндаг акӕндзынӕн сымахыл. Хъусын уын кӕнӕм, ӕфсымӕртӕ, Македонийы аргъуантӕн Хуыцау цы хорзӕх радта, уый тыххӕй. Уыдон фӕлвӕрд ӕрцыдысты стыр зынты, фӕлӕ уӕддӕр сӕ цинӕн кӕрон нӕй; сты тынг гӕвзыкк, фӕлӕ равдыстой, рӕдаудзинадӕй ӕгӕрон хъӕздыг кӕй сты, уый. Сӕ къух цас амыдта, уыйбӕрц, стӕй ноджы фылдӕр барвӕндонӕй куыд лӕвӕрдтой, уымӕн ӕз ӕвдисӕн дӕн. Уыдон нӕ тынг куырдтой, цӕмӕй сӕ хай бахӕссой сыгъдӕджытӕн балӕггад кӕныны арфӕйаг хъуыддагмӕ. Ӕрмӕст куырдтой, цӕмӕй ма рох кӕнӕм мӕгуырты, ӕмӕ ӕз бацархайдтон афтӕ бакӕныныл.
Выбор основного перевода